Байкал
From Wikipedia, the free encyclopedia
Байка́л (уырыс. Байкал, бур. Байгал далай) у егъау æдзæхх цад Уæрæсейы, Скæсæн Сыбыры хуссары, ЮНЕСКО-йы хъахъæд объект. Байкал у дунейы арфдæр цад æмæ стырдæр æрдзон æдзæхх донуат. Цады цæры бирæ зайæгойтæ æмæ цæрæгойтæ, уыдонæй фылдæр хай сты эндемиктæ (ома, æндæр рæтты чи нæ цæры, ахæмтæ). Бынæттон цæрджыты традицимæ гæсгæ, Байкал йе стырдзинады охыл хонынц «денджыз», кæд зонадон цæстæнгасæй денджыз нæу, уæддæр.
Краткие факты Байкал, Морфометри ...
Байкал | |
---|---|
уырыс. Байкал, бур. Байгал далай | |
Морфометри | |
Абсолютон бæрзæнд | 456—457 м |
Ас | 636 × 79,5 км |
Фæзуат | 31 722 км² |
Гуырахст | 23 615,39 км³ |
Стырдæр арф | 1642 м |
Гидрологи | |
Минерализацийы тип | Æдзæхх |
Цæхджынад | 0,12 ‰ |
Рухсхъарындзинад | 40 м |
Бассейн | |
Бассейн | 571 000 км² |
Æфтæг цæугæдæттæ | Селенга, Уæллаг Ангара, Баргузин |
Ракæлæг цæугæдон | Ангара |
Ран | |
53°13′00″ с. ш. 107°45′00″ в. д.HGЯO | |
Бæстæ | |
Уæрæсейы Федерацийы субъекттæ | Буряти, Иркутсчы облæст |
Викикъæбицы медиа |
Закрыть
1956 азæй фæстæмæ Байкал сси Иркутсчы донуаты хай, Иркутсчы ГЭС-ы донмарæны фæрцы[1]. Уыцы донмарæн ахъаз у цады уæлвæзмæ цæст дарынæн.